Изображение

Хедер

Версия для слабовидящих

Настройка режима отображения

Размер шрифта:

Шрифт:

Интервал между буквами:

Цвет сайта:

Изображения:

Звуковой ассистент:

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты зынаргъ ветерантӕ ӕмӕ фӕсфронт фӕллойгӕнджытӕ! Цӕгат Ирыстон-Аланийы цӕрджытӕ!

Новости отделения

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты зынаргъ ветерантӕ ӕмӕ фӕсфронт фӕллойгӕнджытӕ! Цӕгат Ирыстон-Аланийы цӕрджытӕ!

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты зынаргъ ветерантӕ ӕмӕ фӕсфронт фӕллойгӕнджытӕ!

Цӕгат Ирыстон-Аланийы цӕрджытӕ!

75-ӕм Уӕлахизы афӕдзы боны фӕдыл уын зӕрдӕбын арфӕ кӕнын.

9-ӕм май махӕн  у сӕрмагонд бон: сымах, ветерантӕ, бавзӕрстат ӕмӕ бафӕрӕзтат алыхуызон уӕззаудзинӕдтӕ, ссӕрибар кодтат нӕ райгуырӕн бӕстӕ фашисттӕй, махӕн та, уӕ байзӕддӕгтӕн, балӕвар кодтат хӕдбар ӕмӕ ӕнӕмӕт, сабыр фидӕн. Сымах фӕрцы ӕппӕт дунейы адӕмӕн фӕзынд гӕнӕн ӕнцад цӕрын, кусын ӕмӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнын. Уӕ ныфс нӕ фӕтасыд цыфӕнды зындзинӕдтӕй.

Сӕрыстыр 'стӕм сымахӕй. Уӕ хъару, ӕхсар ӕмӕ тых - махӕн у фӕзминаг.

Стыр бузныг уын! Уе 'сгуыхт рохуаты никуы уыдзӕн! Нӕ ӕнӕмӕт, хӕдбар, амондджын цардӕй хӕсджын 'стӕм сымахӕй.

Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы фидар ӕнӕниздзинад! Ӕнӕмаст ӕмӕ амондджын ут!

Сӕрӕй ныллӕг кувгӕйӕ ӕмӕ уарзгӕйӕ,

Таболты Сергей.

События

Правая панель

Оставить отзыв

Стрелка Наверх

Звуковой ассистент: